Перейти к содержанию

Боллотæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Боллотæ (уырыс. Боллоевы) сты дыгурон мыггаг.

Ацы мыггагæн йæ фыдæл Есе раджы кæддæр Дыгургоммæ æрбафтыд Асыйæ. Йæхицæн цæрæнбынатæн равзæрста Къумбулты хъæу. Боллотæ уыдысты æхсæз æфсымæры. Уыдоны нæмттæй — Галачи, Чихауи, Кебег, Мулук, Глаз-Глаз, Тез — равзæрд мыггæгтæ Галачитæ, Чихауитæ, Кебектæ, Мулукатæ, Глазтæ æмæ Тезтæ. 1886-æм азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Къумбулты адонæй баззадысты æрмæст Боллотæ. Галачитæ алыгъдысты Кæсæгмæ, Озречы хъæумæ, Кебектæ — Лескенмæ, Чихауитæ — Чырыстонхъæумæ, Мулукатæ Гæлиатмæ, Тезтæ та Асымæ. Боллоты хистæртæ куыд дзурынц, афтæмæй Глазтæ фæлыгъдысты Æрджынарæгмæ æмæ уым сæ мыггаг Галазтæ скодтой.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.